Вахтанг Махароблишвили - ис нын æнхъæлц, ома æмбæлгæ статистикæ æркæсыны фæстæ, Бельгийы уынаффæ ивд уыдзæн æмæ Гуырдзыстон æрыздæхдзæн дæс бæстæты номхыгъдмæ
Бельгийы паддзахады æмæ Люксембургы Стыр Герцогады Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæсбарджын минæвары, Евроцæдисимæ Гуырдзыстоны миссийы къухадариуæггæнæг Вазтанг Махароблишвилийы фидиуæнæй, цæугæ этапыл, Бельги рахаста уынаффæ Гуырдзыстон, æдас бæстæты ранымадæй сисыны фæдыл.
Махароблишвилийы дзырдæй, зæгъгæ уагъд уыдзæн консультацитæ æмæ сбæрæг уыдзæн, цавæр конкретон аххос ис гæнæн уа фæнысангонд уынаффæйы бындур. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис, уый исты техникон кæнæ статистикон аххосагæй равзæргæ у.
Вахтанг Махароблишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ йæм ис æнхъæлц, цæмæй æмбæлгæ статистикæты, кæнæ бæрæггæнæнты æркæсыны фæстæ, уынаффæ уыдзæн ивд æмæ Гуырдзыстон æрыздæхдзæн æдас бæстæты номхыгъдмæ.
Йæ мбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, нæй бындур ахъуыды кæнын, цæмæй Бельгийы уынаффæ бандавдзæн æнæвизæ режимы фæдыл евроцæдисы уынаффæмæ.
«Ницы ахæм коммуникаци, дзырдæппарæн Евроцæдисы æрдгæй нæ сыххæст ис. Абон нын ис Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады бадзырды, кæнæ та ассоциацидзинады комитеты рабадт æмæ ахæм типы æрвитæггаг Евроцæдисæй не сфиксир ис. Ноджы иу хатт, хахх кæнын, цæмæй Евроцæдисы бæстæты фылдæры хай, Гуырдзыстон нымайынц æдас бæстæйыл. Æмтгæй зæгъгæйæ, евроцæдисы позици ахæм æмæ æнæвизæ режиммæ ацы этапыл исты тасы æнхъæл æцæгдæр не стæм», – райхъусын кодта Вахтанг Махароблишвили.