Евроцæдисы Гуырдзыстоны минæварæй æмæ Бельгийы падзахады Гуырдзыстоны минæварæй снысан ис Вахтанг Махароблишвили

Евроцæдисы  Гуырдзыстоны минæварæй  æмæ Бельгийы падзахады  Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæварæй  снысан ис  Вахтанг Махароблишвили.

Уый фæдыл  информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Вахтанг Махароблишвили диполмативон куысты 2000 азæй  æндæр æмæ æндæр  позицитыл  куыста.  2016  азæй  уый ахста  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæгы  бынат, 2019  азы 8 июлæй  та снысан ис Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыдддæгты министры фыццаг хæдивæгæй.