Вахтанг Махароблишвили – ассоциацидзинады советы рабадтыл бахахх уыдзæн, цæмæй дарддæры æввахс къахдзæф Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл у уæнгсуæвыны бадзырдты райдайын
Уырнæг дæн, Ираклий Къобахидзейы Брюсселмæ визит уыдзæн иттæг нысаниуæгджын æмæ йæ мидисæй æфсæст, – уый фæдыл Евроцæдисы Гуырдзыстоны минæвар Вахтанг Махароблишвили райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, советы рабадтыл бахахх уыдзæн, цæмæй дарддæры æввахсдæр къахдзæф Гуырдзыстонæн Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл у уæнгсуæвыны бадзырдты райдайын.
«Æрдзæй æрхæсгæ у ассоциацидзинады фæлгæтты ныхас уыдзæн секторон интеграцийыл, кæцы æнæкъаддæр нысаниуæгджын у, æмæ æмтгæй райсгæйæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы мид базармæ интеграцийы тематикæйыл. Ацы æрдгæй мах интенсивонæй кусæм европаг фарсимæ. Цалдæр æрдæмадæй нын ис иттæгцымидисон процесстæ, сæ нымæцы роумингы тематикæмæ гæсгæ, уый нымæцы Евроцæдисы катастрофæты механизмты уæнгсуæвыны æрдгæй æмæ ноджы цалдæр æрдæмадæй æндæр секторон цæстæнгасæй.
Гуырдзыстон æнæмæнгæй сцырын кæндзæн хъусдард, цæмæй максималонæй æрыввахс уыдзыстæм алы ацы æрдгæй, – райхъусын кодта Евроцæдисы Гуырдзыстоны минæвар.
Махароблишвилийы дзырдæй, ассоциацидзинады советы фæлгæтты афтæма, ныхас уыдзæн Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликтыл.
«Гуырдзиаг фарс Европаг коллегæтæн базонын кæндзæн информаци адæймаджы барты æмæ гуманитарон уыцы уæззау уавæры фæдыл, кæцы ис оккупацигонд территориты фæлгæтты. æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, дискусси ацæудзæн, куыд ис гæнæн дарддæры, позитивон роль сыххæст кæна Евроцæдис Вæрæсы-Гуырдзыстоны конфликты сабырадон аскуыддзагы процессы», – райхъусын кодта Вахтанг Махароблишвили.