Вахтанг Гомелаури – ныфс дарын, æмбаргæ уынаффæ рахæсдзысты æмæ Заза Гахеладзе тагъд æрыздæхдзæн йæ бинонтæм
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр, æдасдзинады советы нымæрдар, Вахтанг Гомелаурийы фидиуæнæй, хицауад алцыппæт сараздзæн, цæмæ Заза Гахеладзе æнæзаконон ахстæй ссæрибар уа.
Министр ацы этапыл деталтын ныхасæй йæхи уромы.
«Деталты тыххæй ныхас мæ бон нæу. Хицауад, æхсæнадæмон организацитæ, партнертæ баст сты Заза Гахеладзейы ссæрибар кæныны процессы. Ныфс дарæм, тагъд ссæрибар уыдзæн æмæ æрыздæхдзæнис йæ бинонтæм. Деталты тыххæй ныхасмæ бон нæу, умæн æмæ æргомæй ныхас гæнæн ис бадзырдтæн разнаггад кæна. Процессмæ баиу ис Патриархи дæр. Ныфс мæ ис æмбаргæ уынаффæ рахæсдзысты æмæ йæ рауадздзысты. Йæ бинонтимæ нын ис контакт æмæ семæ ныхас кæнæм», – райхъусын кодта Гомелаури.