Вахтанг Гомелаури - Ника Мелиайы хъуыддагыл тæрхондоны уынаффæйы сыххæстыл кусæм, абон æй сыххæст кæндзыстæм, сом, иу мæй фæстæ кæнæ æртæ бонмæ, уый рæстæг арæнгонд нæу
Ника Мелиайы хъуыддагыл тæрхондоны уынаффæйы сыххæстыл кусæм, абон æй сыххæст кæндзыстæм, сом, иу мæй фæстæ кæнæ æртæ бонмæ, уый рæстæг арæнгонд нæу – уый фæдыл мидхъуыддæгты министртæм кандидат Вахтанг гомелаури загъта журналисттимæ ныхасы.
«Æмгуъыдты официалонæй ахæцын нæ вæййы. Ис тæрхондоны уынафæ æмæ мидхъуыддæгты министрадæн бахæс ис ацы уынаффæ сыххæст кæнын. Уый мах абон сыххæст кæндзыстæм, сом, иу мæй фæстæ кæнæ æртæ бонмæ, уый рæстæг арæнгонд нæу. Ныр мæ бон зæгъын нæу, цæмæй иу къуырийæ, дыууæ кæнæ фондз бонмæ æрцыд æргъæвд. Йе æрцахсынмæ цæттæ нæ уыдыстæм уый куы нæ дзурын? Бæлвырдæй мæ бон зæгъын нæу, кæд æй æрцахсдзыстæм, кусæм» – райхъусын кодта Вахтанг Гомелаури.