Вахтанг Гомелаури – арæн контрол кæнæм бæрзонд æмвæзадыл
Вахтанг Гомелаури – арæн контрол кæнæм бæрзонд æмвæзадыл

Украинайы  хæст райдайæнæй, 24 февралæй  абоны онг, 13  боны дæргъы  Гуырдзыстонмæ æрбахызт Уæрæсейы  20 000 æмбæстаг, 2019 азы  уыдис 40 000, кæнæ та зæгъгæн ис дыууæ хатты  фылдæр, аналогион 13  боны дæргъы – уый фæдыл  журналисттæн  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури  загъта.

Гомелаурийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  ацы 20  мин Уæрæсейы æмбæстæгты æхсæн сты уыдон дæр, чидæриддæр Гуырдзыстоны сты  транзитæй.

«Тынг бирæтæ æрцæуынц дæнцæн Туркæй, Цæгат Кавказаг  цæрджытæ, цæцæйнæгтæ, дагъистæйнгтæ, мæхъæл, кæцытæ баззадысты  уым æмæ  сын не нтысы  сæрмагонд  бæстæмæ ныттæхын, уымæн æмæ  тахтытæ сты урæд. Сæ фылдæр сты  сылгоймæгтæ  æмæ сывæллæттæ, кæцытæ  Турчы, Стамбулы, Анкарайы  баххуырсынц автобустæ, æдбинонтæ  рацæуынц æмæ   комкоммæ  араст вæййынц Ларсы  уылты. Адон дæр нымад сты  уыцы адæмы æхсæн, Уæрæсейы æмбæстæгты  æрцыды, фæлæ  уадзынц  бæстæ æмæ ацæуынц, куы зæгъон уæд се рдæг баззайы, иннæтæ та нæйы. Æртæ мины бæрц  сты  кæцытæ æрцыдысты  æмæ нырма никæдæм ацыдысты ардгæй», – банысанкодта Вахтанг Гомелаури.

Фарстыл, Уæрæсеимæ рæстæгмæ визон режим скусдзæн æви нæ, мидхъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй  уыцы хъуыддаг йæ прерогативæ нæу.

«Ууыл мын дзуапп раттын  мæ бон нæу. Мæ  прерогативæ нæу  мæ  уый тыххæй.   Афтæ зæгъин, мах, хъомысджынтæ  фылдæр фæкарз кодтам домæнтæ.  Уыдис бирæ цаутæ,  нæмттæ нæ зæгъдзынæн, журналисты дам не рбьауагътой, о, «Дожды»  журналисты. Бирæ адæймагы не рбауагъдтам, 100-йæ  фылдæры, иуæй-иу  вæццæгæн  уый уыдис.  Ай у  хуымæтæг уаг, кæцыйы  арæнхъахъхъæнæг йæхæдæг скуыддзаг кæны, æрбауадза – æви нæ.  Уыдæттæ министр не скуыддзаг кæны, нæдæр йæ куратор хæдивæг æмæ а.д. Ахæм адæймæгты нымæцы сты  куыд  Уæрæсейы æмбæстæгтæ, афтæдæр белорусы, Украинайы, Германийы æмæ æндæр бæстæты», –  райхъусын кодта мидхъуыддæгты министр.