Вакцинацимæ регистраци ацыд медперсоналы4 456 минæвар, уыдонæй 1143 та вакцинаци ацыд
Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе «Ковид-19»-ы ныхмæ вакцинацийы проецессимæ æрзонгæ ис. Информацийы хæлиу кæны æнæнизхъахъхъæды министрады пресс-куыст.
Уагдоны банысан кодтой, цæмæй планмæ гæсгæйæ, вакцинацийы фыццаг дозæтæ ныридæгæн райстой медицинон кусджытæ, кæцытæ вакцинацимæ специалон платформæйы фæрцы регистрацийы ауагъдтой сæхи.
Æнæнизхъахъъæды министры хъусинагæй, ацы рæстæгмæ регистраци ныридæгæн ацыд 4 456 медперсонал æмæ вакциниргонд сты 1 143 адæймаг.
Æнæнизхъахъхъæды министр коллегæтæн иммунизацийы процессмæ баиу кæнынмæ ноджы иу хатт æрсидтис æмæ банысан кодта, цæмæй вакцинаци, кæрон скæндзæн пандемийæн.