Вакцинацийы процессмæ баиу уыдзысты 55 азæй хистæрдæр кары æмбæстæгтæ дæр
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъъхæды министр Экатерине Тъикъарадзейы информацийæ, вакцинацийы советы уынаффæйæ, вакцинацийы процессмæ баиу уыдзысты 55 азæй хистæрдæр кары æмбæстæгтæ дæр.
Министры дзырдæй, зæгъгæ фæнысангонд кары къорды вакцинæйыл æркуырд бæрзонд у.
« Фæуынаффæ кодтам уыцы кæлиндары тыххæй, кæцыйæ абон Гуырдзыстон архайы вакцийы процесс ауадзыны фарстææйы. Совет рахаста уæлæмхас уынаффæ уый тыххæй, цæмæй вакцинацийы къордмæ бафтауæм 55 азы карæй хистæрдæр æмбæстæгты. Уый саразын бахъуыд уый тыххæй æмæ куыд кæсæм афтæмæй бæрзонд у æркуырд æмæ активондзинад нæ æмбæстæгты æхсæн, кæцытæ сты 65 азæй хсиæр кары. Уыдис стыр æркуырд растдæр уыцы къордæй, кæцымæ хауынц 55-æй 65 азы кары æмбæстæгтæ» – фехъусын кодта министр.