Вакцинацийы процессмæ 5 апрелæй бафтаудзысты пъæлицæйæгты æмæ æфсæддæтты
5 апрелæй вакцинацийы процессмæ бафтаудзысты пъæлицæйæгты æмæ æфсæддæтты, – уый фæдыл фехъусын кодта Гуырдзыстоны æнæнизхъахъъæды министр Экатерине Тъикъарадзе, вакцинацийы советы рабадты фæстæ.
Министры дзырдæй, зæгъгæ уыдонмæ лæвæрд уыдзæн фæстауæрцон дозæтæ, цæмæй вакцинацийы процессы сæфт минимумы онг фæкаддæр уа.
«Уый тыххæй, цæмæй сæфт минимумы онг фæкъаддæр кæнæм, ахицæн кодтам, процессмæ пъæлицæйы æмæ æфсæддæтты бафтауын æмæ фæстауæрцон номхыгъдтæ саразын. Ай у уыцы фарст, кæцыйыл совет фæуынаффæ кодта æмæ ахицæн кодта, 5 апрелæй ацы адæймæгты вакцинацийы процессмæ бафтаудзысты. Пъæлицæй баиу уыдзæн куыд вакцинацийы къорд æмæ уыдон райсдзысты уыцы фæстауæрцон дозæтæ, кæцыты сæфты рискъ гæнæн ис фæзына», – банысан кодта Экатерине Тъикъарадзе.