Вакцинаци Гуырдзыстоны февралы кæрон   райдайдзæн
Вакцинаци Гуырдзыстоны февралы кæрон райдайдзæн

Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг  Тамар Габуниайы  фидиуæнæй,   вакцинацийы  программæмæ  цæттæдзинад дарддæр кæны. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ,   зæгъгæ, цæуы   персоналы  тренингтæ.  Уыимæ иумæ ма, Габуниа куыд дзуры, афтæмæй,   февралы  кæронмæ  нырид  уыдзæн  фадат  вакцинацийы программæ райдаын.

Тамар Габуниа ма  афтæдæр  хъусын кæны, ома «Ковакс» платформæйæ  Гуырдзыстон  хъуамæ райса  вакцинæйы  400 000 дозæ, æрмæст иннæ – дыууæ  æмæ æрдæг милуан  дозæ æндæр механизмтæй  хъуамæ  самал кæна. Габуниайы  дзырдæй,   ацы механизм  уыдзæн  Евроцæдисы бæстæтимæ бадзырдтæ, афтæма комкоммæ бадзырдтæ  вакцинæ-уадзæг  компанитимæ.