Æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниайы фидиуæнæй, вакцинацийы программæмæ цæттæдзинад дарддæр кæны. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, зæгъгæ, цæуы персоналы тренингтæ. Уыимæ иумæ ма, Габуниа куыд дзуры, афтæмæй, февралы кæронмæ нырид уыдзæн фадат вакцинацийы программæ райдаын.
Тамар Габуниа ма афтæдæр хъусын кæны, ома «Ковакс» платформæйæ Гуырдзыстон хъуамæ райса вакцинæйы 400 000 дозæ, æрмæст иннæ – дыууæ æмæ æрдæг милуан дозæ æндæр механизмтæй хъуамæ самал кæна. Габуниайы дзырдæй, ацы механизм уыдзæн Евроцæдисы бæстæтимæ бадзырдтæ, афтæма комкоммæ бадзырдтæ вакцинæ-уадзæг компанитимæ.