Уырыссаг уæлдæфон хииргъæвæн системæйы балхæды тыххæй, АИШ-æ Туркæн авиакунæггæнæг «Ф-35»-ы нал ауæй кæндзæн
Уырыссаг уæлдæфон хииргъæвæн системæйы балхæды тыххæй, АИШ-æ Туркæн авиакунæггæнæг «Ф-35»-ы нал ауæй кæндзæн.
Америкæйы Иугонд Штатты президенты фидиуæнæй, раст нæу, цæйм Вашингтон æмæ Анкъарайы æхсæн цалдæр миллиарды аргъы бадзырд кæй фæкъуыхцы ис. «Ройтеры» информацийæ, АИШ-ы хицауад тæрсы, цæмæй «С-400»-мæ хæстæг «Ф-35»-ы бауадзыны фæрцы, Мæскуымæ «Стелсы» системæйы фæдыл информаци самал кæныны фадат фæзындзæн.
«Тынг вазыгджын уавæр ис, кæцыйы уыдон сты æмæ афтæдæр вазыгджын у уавæр кæцыйы дæр мах ралæууыдыстæм. Акæсæм цы æрцæудзæн, фæлæ ай рæстаг нæу»,- банысан кодта Дональд Трамп.
Ахæлиугонд информацийæ, Туркы, АИШ-æй 100 иуаг «Ф-35»-ы балхæнын фæндыд.