Уырыссаг пранкертæ Жигимантас Павильонисмæ Навальныйы æмбалы номæй адзырдтой æмæ ныхасы видео-ныффыст публикаци скодтой «Ютубыл»
Уырыссаг пранкертæ Лиетувæйы сеймы æддæ ахастыты комитеты сæрдар, Жигимантас Павильонисмæ адзырдтой уырыссаг оппозиционеры номæй æмæ телефонон ныхасы ныффыст видео-портал «Ютубыл» публикаци скодтой. «Вованы» æмæ «Лексусы» нæмттæй зындгонд пранкертæ Владимир Кузнецов æмæ Алексей Столяров лиетувæйаг депутатмæ адзырдтой Алексей Наальныйы æмбалы, Леонид Волковы номæй.
Публикацигонд монтажгонд видео-ныффысты Павильонис Уæрæсейыл, Гуырдзыстоны, Украинайы, Белорусы афтæдæр ацы бæстæты оппозицийы æмæ æмбæстагон дзыллæимæ куысты фæдыл ныхас кæны.
Уый банысан кодта, цæмæй йын «Сæрмагонд хæст ис Иванишвилиимæ Гуырдзыстоны».
Ныхасы рæстæджы лиетувæйаг депутат дзуры, цæмæй АИШ-ы 2020 азы уагъд æвзæрстыты фæстæ, «Вашингтоны нырма сæхи хъæдыл не сты æмæ æрмæст ерын цæуы уый Вашингтоны». Уый ма ныфс разæгъы, цæмæй АИШ-ы президенты Джо Байдены бал фæкарз кæндзæн политикæ Уæрæсейы æрдæм.
«2008 азы онг, Бухаресты саммиты онг æмбæрстон, цæмæй америкæгтæ кусынц демократийыл æмæ сæрибардзинадыл, ис сæм дырыс нысæнттæ, фæлæ Обама æмæ Трампимæ уыдон фæтар сты, сæ иу æмæ се иннæ дæр цыдæр арызтой, фæлæ идеологи нæ уыд. Ахæм реалон политикæ, мæнæ Путин тыхджын у, Цæгат Корея тыхджын у, Иванишвили куыддæрты нормалон у, цæй ма бакусæм иумæ, ахæм политикæ тынг мæ нервтæ хæлдта. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бал, кæцы ерын æрбацыд хицауадмæ, бынтон æндæр у», – дзуры Жигимантас Павильонис.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Ныгуылæнмæ ис æгъгъæд фæрæзтæ Кремлы режим басæттынæн. Лиетувæйы сеймы æддæ ахастыты комитеты сæрдар 18 минутон видеойы афæтдæр ныхас кæны бастдзинадыл америкаг конгрессментимæ, афтæдæр лобисттимæ. Уый Михеил Саакашвилийы лобисттимæ æмахасты тыххæй дæр радзырдта.
«Мæнæ уыд бантыстис «уый» саразын Саакашвилийæн. Обама куы æрбацыд хицауадмæ, уæд Саакашвилийы йæ удхæссæг уыдта. Фæлæ уæд гуырдзиаг дипломати, Темур Иакобашвили, уыдон, зæгъæн ис, æмæ систой Вашингтон. Нæ баззадис ахæм бынат, цы ран нæ кастысты Гуырдзыстоны хъуыддæгтæ. Цыдæр, афæдзы æрдæг, иу афæдзмæ Обама бауарзта Саакашвилийы балтиаг президентæй фылдæр. Мæ цæстыты мæ нал уырныдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, уым уыдис гуырдзиаг сæн дæр, хæринæгтæ æмæ алцыппæт, цы сæ бон уыдис, уый. Фæлæ æнæмæнгхъæугæ у ахæм лобби саразын», – дзуры лиетувæйаг депутат.
Видеойы- публикацийы фæстæ комментари ратта йæхæдæг Павильонис.
«Ныхас рæстæджы уый тынг цымидис кодта мæ ахастытæй конгрессментимæ, дзæбæх зыдта уый. Стæй ацы интерес куы стынг кодта æмæ мæ куырдта семæ (конгрессментимæ) сбæттын, уый мæм гуырысхойагæй фæкастис. Уый фæстæ йæ æркуырдтон, куырдиаты фысгæ формæйæ бавдисын», – банысан кодта депутат. Уый нымайы, цæмæй провокациимæ уырыссаг спец-куыстытæн ис цæдис æмæ ацы цауы операци æнæнтыст рауад.