Уырыссаг оккупацион æфсад Киевыл ракетон  бырст сыххæст кодта
Уырыссаг оккупацион æфсад Киевыл ракетон бырст сыххæст кодта

Кеиевыл ракетон бырст сыххæст ис. Украинаг медиайы  хъусинагæй,    горæты иууыл цъус   дыууæ спырхы  гуыпп  фæцыд.

Киевы мэр Виталий Кличко  æмбæстæгтæм сиды  хиæмбæхсæнмæ   ныццæуынмæ.

Киевы   горæты  админстрацийы   къухдариуæггæнæгы  Сергей  Попкойы  хъусинагæй,  рактеон бырсты  фæстиуæгæн  ракетæйы састытæ  Киевы  Печерскы  районы  æрхаудысты.  Базиан ис  цæрæн хæдзар. Бынатыл  уæлвæтк уавæры  куыстытæ  кусынц.

Уыимæ,  Киевы  мэры  хъусинагæй,  ракетæй  састыты  æрхауыны   фæстиуæгæн, цæф сты  дыууæ адæймаг,  сæ нымæцы 16 аздзыд  чызг.