Медиайы хъусинагæй,  ивгъуыд æхсæв, Уæрæсейы тыхтæ Одессæйыл ракетон  бырст сыххæст кодтой
Медиайы хъусинагæй, ивгъуыд æхсæв, Уæрæсейы тыхтæ Одессæйыл ракетон бырст сыххæст кодтой

Украинаг  медиайы  информацийæ,  ивгъуыд  æхсæв  Уæрæсейы  тыхтæ   ракетон     бырст сыххæст кодтой  Одессæйыл. Украинаг  æфсæддæтты  хъусинагæй,   хафтытæ Сау Денджызæй, уырыссаг  «калибры» типы круизон   ракетæтæй   сæххæст ис.  Æртæ адæймаг  амард,  10-æй  фылдæр цæфтæ сты.

Уæлдæфон   хæсты  æмæ спырхыты  фæстиуæгæн   горæты центры  ахуырадон  уагдон, цæрæн  комплекс,  хæлцадон   объект æмæ дуканитæ  базиан сты.  Афтæма  иуæй-иу  æвæрæны фæзындис  сыгъд.

Украинаг  медиайы хуъсинагæй,    æхсæвы дæргъы, арæйнон территоримæ  21  хатты  сыххæст ис бырст,  сфиксир ис  101  спырх,  амард  паддзахадон   хъæды агентады   авд кусæг.

Уыимæ иумæ, Украинайы  гарзджын  тыхты сæйрагкамандыгæнæг , Валерий Залужный  райхъусын кодта, цæмæй   Украинайы   хурыскæсæны  æмæ хуссары    дарддæр  кæны «Иргъæфы æмæ  бырсæн  равгы» уæззау   хæстытæ.   Афтæма йæ фидиуæнæй,    хъахъъхæнынады  тыхтæн афтæдæр ис бæрæг   размæцыд   æмæ æнтыст.