Уырыссаг медийы информацимæ гæсгæ, Мæскуыйы «Крокус Сити Холлы» бабырсты фæстиуæг мардгондты нымæц 60-йæ фылдæр у
Уырыссаг медийы информацимæ гæсгæ, Мæскуыйы «Крокус Сити Холлы» бабырсты фæстиуæг мардгондты нымæц 60-йæ фылдæр у.
Информаци уырыссаг меди парахат кæны.
Хицауады информацимæ гæсгæ, госпитализацигонд сты 115 адæймаг, се æхсæн фондз саби. 60 цæфгонды уавæр уæззау у.
Вице-премьер, Татьяна Голиковайы фидиуæнмæ гæсгæ, цæфгондтæн тагъд снæниз æмæ медиктæн бузныг расидтис Уæрæсейы президент Владимир Путин.
Мæскуыйы «Крокус Сити Холлмæ» цалдæр гæрзифтонг адæймаг балæбурдта æмæ концертмæ бацæугæ адæмы æхст райдыта. Уæрæсейы æддаг хъуыддæгты министрад бабырстæн терракты аргъ ратта.