Уырысаг медийы информацийæ, Керчы донкъубалы бæлццонон науты змæлд æхгæд æрцыд. Уый аххосæй та, уырыссаг фарс Украинæйæ æнхъæлмæкæсинаг провокацитæ æрхаста.
Параллелонæй «Украинская Правда « фыссы, цæмæй Керчы донкъубалы æрдæм змæлæг украинаг науты бауромынæн Уæрæсе æфсæддæон хæрдмæтæхджытæ арвыста. Уæдмæ та уырысаг медиа хъусын кодта, цæмæй Керчы донкъубалы æрдæм араст ис ноджы дыууæ украинаг æфсæддон катер.
Бакой уын кæндзыстæм абон сæумæрайсом, Уæрæсейы æдасдзинады федералон куыст ахæлиу кодта хъусинаг, ома æртæ украинаг нау, Уæрæсейы арæныл æнæзакононæй ахызтысты. Сæхи æрдгæй Киевы бæлвырд кæнынц, цæмæй Уæрæсейы бафæдзæхстой,Ю украинаг науты Одессæйæ Мариуполы æрдæм змæлды фæдыл, фæлæ æнæкæсгæ уымæ, Уырыссаг нау уæддæр ныббырста украинаг буксирмæ, кæцыимæ иумæ уыдис дыууæ згъæрджын катер.