Уырыссаг æфсæддæттæ Украинайы горæт Ореховы уæвæг гуманитарон æххуыс уарæг бынатыл бомбæкалд сыххæст кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн цыппар адæймаг амард, 13 та фæцæф сты
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Украинайы Запорожьейы регионыл бомбæкалды фæстиуæгæн ис амæттаг.
Украинаг медиайы информацийæ, хуырыссаг æфсæддæттæ Ореховы,скъæргæ бомбæйæ цæрæн зонæйы гуманиарон æххуысы дихгæнæг бынатыл фехстой. Ракетон бырсты амæттаг фесты цыппар адæймаг, 13 адæймаг та фæцæф ис.
Запорожьейы регионон æфсæддон администрацийы информацийæ, Уæрæсейы æфсад 36 хафт сыххæст кодта Запорожьейы регионы 10 цæрæн пунктыл. Скуынæг кодтой дæс æмбæстагон объект.
Бынæттон пъæлицæйы хуъсын кæнынц, цæмæй 10 июлы сæумæрайсомæй ирвæзынгæнæн куыстытæ дарддæр кæнынц, уымæн æмæ кæлддзæгты бын гæнæн ис уа адæм.