Уырыссæгтæ Донецкы зылды, горæт Славянскыл ракетон хафт сыххæст кодтой, ис дзы фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ
Уырыссæгтæ Донецкы зылды, горæт Славянскыл сыххæст кодтой ракетон хафт. Амард иууыл цъус 6 æмæ фæцæф сты 15 адæймаг. Фæнысангонды фæдыл Донецкы зылды администрацийы пресс-нымæрдар Татьяны Игнатчценко райхъусын кодта.
«Ныридæгæн ис 6 фæмардуæвæг æмæ 15 цæф Славянскы. Уыдис горæтыл фидар бомбæкалд. Адæмæн ам баззайын æдас нал у æмæ максималонæй архайæм уый сын бамбарын кæнын. Эвакуацийы фадат ис» – райхъусын кодта Игнатченко.
Уæдмæ Славянскыд ракетон хафты фæдыл информаци горæты мэр ахæлиу кодта. Йæ дзырдæй, зæгъгæ уырыссæгтæ Славянскыл фæстаг рæстæджы сегасдæр масштабон хафт сыххæст кодтой, кæцыйы фæстиуæгæн 15 зынгсирвæзты артдзæст фæзынд. Бынатыл ирвæзынгæнæн æмæ зынгвæдисон куыстытæ сты мобилизацигонд.