Урсула  фон дер Ляйен - Уæрæсе хæцын куы ныууадза, уæд Украинайы хæст нал уыдзæн, фæлæ   Украина куы  ныууадза  хæцын, уæд Украина нал уыдзæнис
Урсула фон дер Ляйен - Уæрæсе хæцын куы ныууадза, уæд Украинайы хæст нал уыдзæн, фæлæ Украина куы ныууадза хæцын, уæд Украина нал уыдзæнис

Уæрæсе хæцын куы ныууадза, уæд Украинайы хæст нал уыдзæн, фæлæ   Украина куы  ныууадза  хæцын, уæд Украина нал уыдзæнис –  райхъусын кодта, Еврокомиссийы  президент, Урсула  фон дер Ляйен Францы,  хъæуы Тайзейы  чырыстонон   экуменон æхсæнады мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.

Урсула  фон дер Ляйен йæ ныхасы райхъусын кодта, цæмæй   Евроцæдис  арызт уыд  сабырдзинад сфидар кæнынæн  æмæ цæугæ азы, Украинайы,  Кремлы  хсты фоныл, Евроцæдис хъуамæ  сыххæст кæна йæ бындурæвæрджыты  тырнынадтæ, райса йæхимæ Европæйы сабырдзинад æмæ  æдасдзинад æрыздахыны мисси.

«Уæрæсе  хæцын куы ныууадза, уæд Украинайы  хæст нал уыдзæн, фæлæ Украина куы ныууадза хæцын, уæд Украина нал уыдзæн. Афтæмæй  абон сабырдзинадæн  лæууын, нысан кæны Украинаг адæмимæ  лæууын. Украинæгтæ  хæцынц сæрмагонд  демократийы тыххæй,     адæймаджы  бартæн цыт кæныны тыххæй.  Украинæгтæ хæцынц  хиаирвæзын кæнынæн, фæлæ  афтæма  нæ  европаг   аргъдзинæдтæн æмæ уырнæг дæн, цæмæй  Украинайы  фыдбылыз нæ фæуæлахиз уыдзæн» –  райхъусын кодта  Еврокомиссийы  президент.