Урсула фон Дер Лейен Гиорги Гахариаимæ ныхасы рæстæджы бæрзонд аргъ кæны COVID-19-ы пандемийæн бахъоуыны æрдæм Гуырдзыстоны хицауады къхахдзæфтæн
Еврокомиссийы президент Урсула фон Дер Лейен, бæрзонд аргъ кæны Гуырдзыстоны хицауады къахдзæфтæн COVID-19-ы глобалон пандемийыл фæтыхуыны æмæ бæстæйы цæугæ экономикон æмæ политикон реформæты æрдæм, – уый фæдыл Еврокомиссийы президент фехъусын кодта, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ видео-конферецийы рæстæджы.
Хицауады сæргълæууæг Евроцæдисæн Гуырдзыстонæн цы нысаниуæгджын финансон æххуыс рахицæн кодта, уый тыххæй раарфæ кодта æмæ бахахх кодта Евроцæидисы куыд Гуырдзыстоны ставддæр донноры, æххуысы скуыддзаггæнæг нысаниуæг. Еврокомиссийы президент банысан кодта, ома Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис тынг хæстæг хæлæрттæ сты æмæ Гуырдзыстонæн йæ бон у, уа йæм Евроцæдисы æнæфæцудгæ æххуысы ныфс, кæцы сбæлвырд ис кризисы периоды æмгуыстадæй æмæ конкретон-рахатинаг финансон æххуысæй.
Урсула фон Дер Лейен банысан кодта, ома Евроцæдис цæттæ у, фидæны дæр адарддæр кæна Гуырдзыстонæн æххуыс куыд экспертты æмвæзадыл, афтæ – финансонæй.