Урсула фон дер Лейен Евроцæдисы уæнг бæстæты лидертæм официалон фыстæг арвыста, цæмæй сæ бæстæты кандидатурæтæ еврокомиссарты бынæттæм бавдисой
Еврокамисы президент Урсула фон дер Лейен Евроцæдисы уæнг бæстæты къухдариуæггæнджытæм официалон фыстæгæй бахаста, цæмæй сæ бæстæты кандидатурæтæ еврокомиссарты бынæттæм бавдисой.
Politico куыд фыссы афтæмæй, Евроцæдисы уæнг бæстæты лидертæн августы кæронмæ ис рæстæг, цæмæй равзарой потенциалон еврокамисарты, кæцытимæ Урсула фон дер Лейен ныридæгæн сараздзæн интервьютæ.
Алы бæстæйæн дæр ис иу къамисæг. Германийæ ацы кандидат Урсула фон дер Лейен йæхæдæг у, Эстонийы раздæры премьер-министр Кая Калас та уыдзæн Еврокамисы вице-президент.
Еврокомиссарты ног сконд куы æрцæуа æрбадæттæг, уый фæстæ сæ хъуамæ официалонæй сбæлвырд кæна Европарламенты æрдыгæй, цы ран хъæлæс кæныны размæ кандидатурæтæм байхъусдзысты