Урсула фон дер Лайен – Украинæйæ Ираны онг уавæр уæззау у, Хуссар Кавказы уавæр æндæрхуызон у, зæронд цæфтæ дзæбæх кæнынц, Европæйы та фæнды сабырад парахат кæнын
Сомих ифтонг кæны сеппæтæй цыбыр фæндаг Къаспы денджызмæ æмæ Астæугкаг Азимæ – уый фæдыл Еврокамисы президент Урсула фон дер Лайен, Ереваны уагъдцæуæг Сомихыстон-Евроцæдисы фыццаг саммитыл расидтис.
Еврокамисы президенты ныхасмæ гæсгæ, маршрут раздæр уыд æхгæд, фæлæ ныр, Сомихыстоны ныфсхаст уынаффæйы фæрцы, уавæр аивта.
Урсула фон дер Лайены ныхасмæ гæсгæ, Сомихстон гæнæн ис æмæ суа регионалон центр æмæ фæндæгты тигъыл.Европæ, йæхи æрдгæй, цæттæ у парахат кæна, се æхсæн физиконæй, транспортон æмæ энергетикон бастдзинæдтæ.