Ираклий Къобахидзе фембæлд Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æппæтдунеон комитеты делегацийы ног къухдариуæггæнæг Джоанна Бартонимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлд Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æппæтдунеон комитеты делегацийы ног къухдариуæггæнæг Джоанна Бартонимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æппæтдунеон комитеты делегацийы ног къухдариуæггæнæг Джоанна Бартонимæ фембæлд.

Хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта Джоаннæ Бартонæн йæ ног бынатмæ снысан кæныны фæдыл æмæ йын йæ цæст бауарзта æнтыстытæ йæ дарддæры архайды.

Премьер-министр бахахх кодта Сырх Дзуары ахсджиаг роль æбæрæгæй сæфт адæймæгты агурыны æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæныны хъуыддаджы.

Банысангонд æрцыд, цæмæй абоны бонмæ ныридæгæн рабæрæг сты 334 æбæрæгæй сæфт адæймаджы стæгдартæ, кæд æмæ 1835 адæймаг нырма дæр сты æбæрæгæй сæфт, æмæ ацы æрдæм Гуырдзыстоны хицауад æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты иумæйаг тыхархайд фидæны дæр хъуамæ адарддæр уа.

Фембæлдыл фидауын æмæ æмбæстагон æмбарады фарстаты паддзахадон министр Теа Ахвледиани æмæ Гуырдзыстоны хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Леван Жоржолиани истой хайад.