Урсула фон дер Лайен хъусын кæны, цæмæй Украинайы уавæры  ноджы фæфыддæры  цауы,  Евроцæдис Уæрæсейы  ныхмæ уæлæмхас къахдзæфтæ сараздзæн
Урсула фон дер Лайен хъусын кæны, цæмæй Украинайы уавæры ноджы фæфыддæры цауы, Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ уæлæмхас къахдзæфтæ сараздзæн

Еврокомиссийы  президент  Урсула фон дер Лайен хуъсын кæны,  цæмæй Украинайы  уавæры фæдыл   ноджы фæфыддæры цауы,  евроцæдис  Уæрæсейы ныхмæ   уæлæмхас   къахдзæфтæ сараздзæн.  Уый фæдыл  Европаг бæрзонд гæс  Бухарестмæ  визиты  рæстæджы  Румынийы  президентимæ фембæлды фæстæ  пресс-конференцийыл   райхъусын кодта.

Уыимæ ма  Урсула  фон дер Лайен  банысан кодта, цæмæй  Евроцдис   энергоресурсты равзæрæны  диверсификацийыл  кусы.

«Украинайæн нæ  хъæддых æххуысимæ  иумæ,   мах   Уæрæсейы хицауадæн дзуапп дæттæм карз санкцитæй.  Нæ нысан у, ма раттæм  Кремлæн фадат,   уадза хæст  йæ  сыхæгта ныхмæ.  Растдæр  уый тыххæй,    сфидар кодтам  прецедент цæмæн нæй  ахæм санкцитæ.  Ацы санкцитæ  афтæдæр  сфидар кодтой æнæхъæн Дунейы  нæ  æмцæдисонтæ  æмæ партнертæ.  Махы æрдгæй  бавдыст  санкциты æртæ уылæнæн нырид ис  æндæвдад  Уæрæсейы  эконмоикæйыл æмæ уымæ гæсгæ дæр, путины  хæстон тыхархайдыл.   Мах  уæлæмхас къахдзæфтæ  сараздзыстæм,   кæд уавæр   бынатыл фæфыддæрдæр уыдзæн уæд.  Иурæстæгонæй,  мах цæттæ кнæм нæхи,  маст исыны  цаутæм дæр, сæрмгаондæй та   нæхи цæттæ кæнæм  нæ  энергоифтонгады  диверсификацийыл» –   райхъусын кодта Урсула фон дер Лайен.