Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй  АИШ Украинамæ  дард радиусыл æххæссæг ракетон системæтæ нæ арвитдзæн
Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй АИШ Украинамæ дард радиусыл æххæссæг ракетон системæтæ нæ арвитдзæн

Киевмæ  ракетон системæты  алæвæрды  фарстайыл  Джо байдены  администраци нырмадæр тæрхон кæны, фæлæ  Вашингтон Украинайæн   дард радиусыл архайæг   ракетон системæтæ  нæ арвитдзæн, –  уый фæдыл  «Ройтеры»  хъусинагæй,   Урс  Хæдзары  пресспикер  Карин Дан-Пьер  райхъусын кодта.

Цалдæр боны размæ  АИШ-ы президент  Джо Байден, журналисттимæ  ныхасы рæстæджы  райхъусын кодта, ома Америкæ  нæ хъавы  Украинайæн   ахæм ракетон системæтæ  арвитын, кæцытæн сæ бон  у  Уæрæсейы  территоримæ  баххæссын.  Урс Хæдзары лæвæрд  брифингыл  журналисттæ Урс хæдзары  пресспикеры  фарстой, цы  дардта  йæ  хуъыдыйы  АИШ-ы   президент ацы фидиуæны рæстæджы.

Урс хæдзары  пресснымæрдар  фарстæн  ахæм дзуапп  скодта: «Фыццаджыдæр уын зæгъдзынæн, цæмæй системæты  фарстайыл нырмадæр  цæуы  тæрхон; фæлæ  президент куыд загъта афтæмæй,   мах нæ арвитдзыстæм   дард радиусыл архайæг ракетæтæ,  хæсты быдырæй дарддæр спайда  кæнынæн.  Ныр  исты спецификон  деталы  зæгъын мæ бон  нæу»,

–   райхъусын кодта пресснымæрдар.