Урс Хæдзары информацийæ, украинайы  фарста æркæсынæн, Джо Байден Польшæмæ ныццæудзæн
Урс Хæдзары информацийæ, украинайы фарста æркæсынæн, Джо Байден Польшæмæ ныццæудзæн

Украинайы  фарстайы тыххæй,   АИШ-ы   президент джо Байден  25 марты Польшæмæ ныццæудзæн.  Уый фæдыл  информаци, АИШ-ы президенты  администраци хъусын кæны.  Джо Байден Польшæйы  президент  Анджей Дудаимæ фембæлдзæни.

Урс хæдзары информацийæ, АИШ-ы  президент  Польшæмæ араст уыдзæн  Украинайы  фарсхæцыны фарстайы  НАТО-ы  æмцæдисонтимæ, Стыр Авды  уæнгтимæ  æмæ Евроцæдисы  лидертимæ куы æркæсдзæн уый фæстæ.

«Президент  хъуыды кæны, цæмæй  куыд реагир кæны АИШ, нæ æмцæдисонтимæ æмæ партнертимæ  иумæ, гуманитарон  æмæ адæймаджы  барты кризисыл, кæцыйы сæвзæрын кодта  Украинайы  Уæрæсейы æнæраст æмæ æнæпровоциргонд  хæст», – дзырдæуы  АИШ-ы президенты администрацийы  фидиуæны.