Unicef-ы æмæ æхсæнадæмон телекоммуникацион цæдисы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны скъоладзау кары сабиты 15 % хæдзары интернет рæувадат нæу
Гуырдзыстоны скъоладзау кары сабиты 15% хæдзары интернет нæй,- уый фæдыл банысангонд у ИНО-йы сабиты фонды æмæ æхсæнадæмон телекоммуникацион цæдисы (ITU) хыгъдлæвæрды, кæцыйы номхуынд у «Цас сывæллонæн æмæ æвзонгæн нæу рæувадат интернет хæдзары».
Гуырдзыстоны ИНО-йы сабиты фондты минæвары, Хасан Халилы фидиуæнæй, интернет рæувадат куы нæу, уый сывæллæтты æмæ æвзонгты куылымпы кæны, цæмæй уой конкурентхъом нырыккон экономикæйы, изолиргонд сты иннæ дунейæ, æрмæст «Ковид-19»-ы тыххæй, скъолаты æрыхгæды цауы, сывлæттæн интернет кæй нæй, уый тыххæй ахуыры рæувадат нæу.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны коронавирусы пандемийы тыххæй скъолаты æрыхгæд баххæссыд 661 500 сывæллонмæ кæцытæ тыхыбын баиуысты ахуыры виртуалон режиммæ ахизын. Хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй уыцы сывæллæттæ, кæцытæн интернет рæувадат нæу, гæнæн ис, ахуырæй цух фæуой.
Афтæма документы дзырдæуы, цæмæй нырма пандемийы размæ, рæзгæ уыд уыцы æвзонгты нымæц, кæцытæн хъуыдис базон,, цифрон, куыстмæ æмбæлон æмæ амалиуæгон фæлтæрдтæ бацахуыр, 21-æм æнусы экономикæйы уавæрты конкурентхъомадæн.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, цифрон æнæмсæрад ноджы фæарфдæр кæндзæн бæстæты æмæ цæрджыты æхсæн уæвæг æнæмсæрад, уый тыххæй дæр, сегасдæр ныллæг æфтиагджын бинонты, æмæ хъæуты цæрджыты æхсæн, афтæма ныллæгфтиагджын бæстæты цæрæг сывæллæттæ æмæ æвзонгтæ ноджы фылдæр бафæстиат уыдзысты се мгæрттæй, уымæй уæлдай ма, къаддæр кæнынц ацы быцæусидты аскуыддзагы фæрæзтæ.
Æхсæнадæмон телекоммуникацион цæдисы иуыл ног бæрæггæнæнтæй, цифрон фæлтæрдтæй хъуагдзинад у барьер цифрон дунемæ æмбæлгæ интеграцийæн, мобилон телефонтæ æмæ интернет та тынг зынаргъ у бирæ адæймагæн рæзгæ бæстæты, кæцы æлхæнынхъомады æнæмбæрцадæй расайгæ у.