Украинайы уæлдæфон  тыхты хъусинагæй, Уæрæсе  Украинайы горæттыл  масштабон  ракетон  бомбардировкæ кæнын райдыдта,  спырхыты мыр хъуысы Киевы дæр
Украинайы уæлдæфон тыхты хъусинагæй, Уæрæсе Украинайы горæттыл масштабон ракетон бомбардировкæ кæнын райдыдта, спырхыты мыр хъуысы Киевы дæр

Уæрæсе  Украинайы горæттыл масштабон   ракетон    бомбæкалд райдыдта, Киевы стындты мыр хъуысы. Информацийы украинаг медиа  бæстæйы  уæлдæфон тыхтыл æнцойæ хъусын кæны.

Украинайы æфсады  уæлдæфон тыхты  информацийæ, Уæрæсе  Украинамæ  бырсы æндæр æмæ æндæр æрдгæй, уæлдæфон æмæ  денджызон базырджын ракетæтæй, стратегион  хæдтæхджытæй  æмæ наутæй.

Хъусинагмæ  гæсгæйæ,  афтæдæр бæрзонд у  Уæрæсейы  тактикон  авиацийы  активонлщинад.  Николаевы  муниципалон  къухдариуæггæнджыты информацийæ, Украинайы  уæлдæфон  иргъæфы системæ  Сау денджызы  сæрыл  Уæрæсейы æхст  фондз  ракетæ æрыппæрста.

Украинаг  медиа хъусын кæны, цæмæй  уырыссаг ракетæтæ, Сумыйы  зылды  дæр  æрыппæрстой. Украинаг медиайы информацийæ, стындты мыр хъуысы  Львовы æмæ Полтавайы  зылдты. Хæлиу кæны  информаци,  цæмæй  бомбæкалд цæуы  Харьковыл дæр.