Украинайы тæрхондон æфсæддон фыдракæндты зылынмæ лæвæрд  уырыссаг æфсæддонæн цæрæнбойнон ахст стæрхон кодта
Украинайы тæрхондон æфсæддон фыдракæндты зылынмæ лæвæрд уырыссаг æфсæддонæн цæрæнбойнон ахст стæрхон кодта

Украинайы  тæрхондоны æфсæддон  фыдракæнды  зылынмæ лæвæрд  21  аздзыд уырыссаг  æфсæддонæн, Вадим Шишимаринæн, цæрæнбойнон ахст стæрхон кодта.  Фæнысангонды фæдыл информаци, хъусын кæны украинаг  медиа.

Медийы  куыд хъусын кæнынц, æмбæлон  уынаффæ  Киевы  Соломенскы  районон тæрхондоны тæрхонгæнджыты коллеги рахаста.

Вадим Шишимарины  аххосджын кодтой,  хæсты  закъонты, æгъдæутты састы æмæ   Сумыйы зылды   62 аздзыд  æнæхотых  уæнгы  барæй  марындзинады.