Уырыссаг æфсæддоны, Сомихыстоны цæрæг сылгоймагы марындзинады азымджын кæнынц
Сомихыстоны, уырыссаг æфсæддоны зылынджын кæнынц лæгмардзинады. Прокуратурæйы райхъусын кодтой, цæмæй сахар Гюмрийы æрцахстой 102-æм уырыссаг базæйы æфсæддон кусæгы, кæцыйы ацы сахары цæрæг сылгоймагы марындзинады азымджын кæнынц.
Уæдмæ та, сомихаг медиа ахæлиу кодта хъусинаг, ома Гюмрийы рынчындонмæ аласыны рæстæджы 57аздзыд сылгоймаг æрбамард. Уый тыргъгæс уыдис æмæ нады фæстиуæгæн æрбамард.
Уырыссаг базæ Гюмрийы 2015 азы дæр фæцис медийы хъусдарды эпицентры. Йеуæд уырыссаг æфсæддон иу бинонты æхсæз уæнгы ныццагъдта. Уыйы Турчы арæныл æрцахстой. Уырыссаг æфсæддонæн æнусон ахст стæрхон кодтой