Украинайы президенты администраци - Гуырдзыстон цæттæ у, Украинайæн æрыздаха 10 сывæллоны, кæцыты ныйарджыты адæймæгтæй базарады зæрдæхсайд сты
Гуырдзыстон цæттæ у, Украинайæн æрыздаха 10 сывæллоны, кæцыты ныйарджыты адæймæгтæй базарады зæрдæхсайд сты. Уый тыххæй информацийы, Украинайы президенты пресс-куыст хъусын кæны.
Бæрæг куыд у, афтæмæй, сывæллæтты барты фарстаты Владимир Зеленскийы минæвар, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы æмæ æнæнизхъахъхъæды министрады минæвæрттимæ фембæлд.
«Ныр цæуы тæрхон, сывæллæтты Украинамæ æрыздахыны фарстайыл. Сæрмагондæй та, дарддæр кæны хъæугæ документты баххæст кæнын процесс. Ныридæгæн ис развæлгъау бадзырд прокуратурæимæ æмæ æнæнизхъахъхъæды министрадимæ, цæмæй сывæллæттæ фыдыбæстæмæ æрыздахой»,- банысангонд у Зеленскийы прес-куысты фидиуæны.
Трефикингы зылынмæ лæвæрд Юлия Суслякæн развæлгъау ахст стæрхон кодтой. Украинайы æмбæстаг Юлия Суслякы Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æнахъомтæй базарады (трефикингы) аххосагæй æрцахста.
МХМ-ы информацийæ, уый Гуырдзыстонмæ 10 чысыл сывæллонимæ иумæ æрцыд Уæрæсейы 2019 азы 8 апрелы æмæ хъавыд оккупацигонд Абхазы территоримæ ахизын, цы ран йæ æнхъæлмæ кастис. Фæдагуырды фæлгæтты райст документацимæ гæсгæ, 10 сывæллоны йæ хъæбултæ сты æмæ йæ мыггагыл фыст. Фæлæ уыдонæй цыппар гуырд сты 2017 азы.