Украинайы омбудсмены фидиуæнæй,бæстæмæ Уæрæсейы лæбурды бонæй 38 сывæллон амард æмæ 71 фæцæф ис
Украинайы омбудсмены дзырдæй, Украинамæ Уæрæсейы лæбурды бонæй, 38 сывæллон амард æмæ 71 фæцæф ис. Людмила Денисовайы дзырдæй, фæнысангонд брæггæнæнтæ æппынфæстаг не сты, уымæн æмæ нырма нæй гæнæн бæлвырд информаци самал кæнын Донецкы зылды горæт Мариуполы æмæ Киевы регионы горæт Ирпены фæмардуæвджыты æмæ цæфты фæдыл.
Уыимæ, Украинайы омбудсмен фæстаг 24 сахаты Уæрæсейы гарзджын тыхты гуымиры лæбурдтыты фæдыл информаци хæлиу кны, кæцыйы фæстиуæгæн сывæллæттæ амардысты. Йæ дзырдæй, зæгъгæ горæт Бучайы дыууæ сывæллон амард, уымæн æнæ нæ уыд гæнæн уыдонæн медицинон æххуыс срæвдзкæнын, Киевы зылды горæт Ирпены уырыссаг æфсæддæ æхстрайдыдтой сабырадон цæрджытыл, уыдон горæтæй эвакуаци куы бахъавыдсты уæд – фæстиуæгæн иууыл цъус дыууæ сывæллон амард.
«Уæрæсейы Федерацийы гарзджын тыхтæ дарддæр кæнынц сывæллæтты фундаментон бартæ халын – цæрыны æмæ æнæниздзинады барт сæттын, кæцы гарантиргонд у Дунейы алы сывæллонæн ИНО-ы сывæллæтты барты конвенцийæ. Сидын æхсæнадæмон бартæхъахъхъæнæг организацитæм райсæт алы мадзæлттæ, цæмæй стынгдæр уæд æлхъывд Уæрæсейы Федерацийыл æмæ бауромæт æфсæддон агресси Украинайы ныхмæ» – дзырдæуы омбудсмены фидиуæны.