Украинайы генералон прокуратурæйы информацийæ, хæст райдайæнæй абоны онг мард у 79  сывæллон, 100-йæ  фылдæр та цæфтæ сты
Украинайы генералон прокуратурæйы информацийæ, хæст райдайæнæй абоны онг мард у 79 сывæллон, 100-йæ фылдæр та цæфтæ сты

Украинайы генералон прокуратурæйы информацийæ,  хæст райдайæнæй  17-æм бон,  79 сывæллон  у  мард, 100-йæ  фылдæр  та цæфтæ сты.

Афтæма сæ хъусинагæй,   сегасдæр фылдæр амæттаг ис   Киевы, Харьковы, Херсоны æмæ Житомиры. Уыимæ  уагдоны  банысан кодтой  ацы  бæрæггæнæнтæ æххæст кæй  не сты  уый фæдыл.

Прокуратурæйы фидиуæны банысангонд куыд у афтæмæй,   абоны  бæрæггæнæнтæй  280 ахуыргæнæндон  у пырх,  уыдонæй  фараст  бæстыхайы  бындуркалд  сты, афтæдæр  куынæггонд у  10-ы  онг сабион рынчындон.

«Авд милуан  сывæллон Украинайы, Уæрæсейы райдайгæ хæстон архæйдтыты  тыххæй,  ахуырадæй  цух  сты» – фыст ис  Украинайы  генералон прокуратурæйы  фидиуæны.