Украинайы ноджы  иу гуырдзиаг хæстон  амард
Украинайы ноджы иу гуырдзиаг хæстон амард

Украинайы ноджы  иу  гуырдзиаг  хæстон, 47 аздзыд  Каха Гоголы фæхъуыд.

Гуырдзиаг хæстон Украинамæ  хæст райдаынæй  дыууæ къуырийы  фæстæ  ацыд  æмæ  Луганскы зылды   хæцыд.

Ахæлиугонд информацийæ, уый 10  июлы,  боныцъæхыл  уырыссæгты  уæлдæфон бырсты  фæстиуæгæн фæхъуыд.

Гуырдзиаг хæстон адзалы тыххæй  информаци бæлвырд кæны Украинайы Гуырдзыстоны минæвар.  Фæсарæн хъуыддæгты министрад  æмбæлгæ  процедурæтæ æххæсткæнынмæ рывнæлдта.

Украинайы  Уæрæсейы  æфсæддон агрессийы амæттаг  нырид ссис 17 гуырдзиаг  хæстон