Украинайы ноджы иу  гуырдзиаг хæцæг  фæхъуыд
Украинайы ноджы иу гуырдзиаг хæцæг фæхъуыд

Украианйы  ноджы иу  гуырдзиаг  хæцæг, Бердиа Джохадзе  амард. Уый фæдыл   информаци  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   бæлвырд фехъусын кодта Украинайы  Гуырдзыстоны минæвар, Гиорги Закарашвили.

Йæ фидиуæнæй,  Бердиа Джохадзе  рынчындон операцийы рæстæджы  амард.

Гиорги Закарашвили  куыд банысан кодта афтæмæй,    мæлæты  бæлвырд  аххос  бæрæг нæу, фæлæ  бинонты уæнгты дзырдæй,  уый амард Уæрæсейы æрдгæй  химикон хæцæнгарзæй  архаыны  фæстиуæгæн  фæкарзы  тыххæй .  Минæвары дзырдæй,   бæлвырд аххос   экспертизæйы  фæстæ  суыдзæн бæрæг.

Гиорги Закарашвилийы дзырдæй,   мардыбуары раласыны  фарста нырид  аскуыддзаги  æмæ гуырдзиаг хæцæгы  мардыбуар  Гуырдзыстонмæ  райсом сæумæрайсом æрласдзысты.

Украинайы  Уæрæсейы  æфсæддон агрессийы райдаынæй,  нырид  18  гуырдзиаг хæцæг амард.