Украинайы минæварад-  сгарæм  ПÆК-ы брифингыл  ахæлиугонд информаци, бæрæг кæнæм алы аууæлттæ
Украинайы минæварад- сгарæм ПÆК-ы брифингыл ахæлиугонд информаци, бæрæг кæнæм алы аууæлттæ

Гуырдзыстоны  Украинайы минæварад паддзахадон æдасдзинады  куысты  2024 азы  5 февралы  лæвæрд брифингы фæдыл  фидиуæн публикаци кæны.

Минæварады  фидиуæны  банысангонд куыд у афтæмæй,   Украинайы минæварад бæрæг кæны Гуырдзыстоны паддзахадон   æдасдзинады  куысты брифнгыл  ахæлиугонд информаци,  архайы рабæрæг  кæна алы  аууæлттæ.

«Бæрæг куыд ссис  афтæмæй,   Украинайы æмбæстæгты æнæзакъонон  куысты  бастдзинады  тыххæй. Минæварад   ныфс дары, цæмæй гуырдзиаг фарс, ацы  хуъыддаджы политизацийæ йæхи фæуромдзæн.  Æвдисæм интересджндзинад æмæ цæттæдзинад   конструктивон  ахастытæн  барадхъахъхъæнæг æмæ Гуырдзыстоны æндæр   компетентон  оргæнтимæ хъуыддаджы  алы аууæлтты объективонæй,  æмæ æххæстаргъджынæй  бацахуыр кæнынмæ æмæ йæ  реалон организацигæнджыты раргом кæныны нысанæн», – дзырдæуы фидиуæны.

ПÆК  5 февралы  ахæлиу кодта  фидиуæн, кæцыйы  банысангонд у, цæмæй «ПÆК-ы  контртеррористон центр  систа  цалдæр иуæг  рæмудзæн гарзæг æмæ стыр нымæцæй алæн буарадтæ, кæцыты  змæлды организацигæнæг у  Украинайы æмбæстаг Андрей Шарашидзе».

ПÆК-ы фидиуæнæй, «Хъуыддаджы деталтæ дæттынц уыцы гуырысхоæйы фадат, ома  Гуырдзыстоны территорийæ спайда кæнын,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  баиу кæнын, уыцы  хъуыдыйы сæвзæрынæн  цыдис, цæвиттон  террористон актты Гуырдзыстоны фæаххосджын кодтаиккой».