Украинайы   хицауад   æмæ проуырыссаг  сепаратисттæ уацайрæгты  баивдзысты
Украинайы хицауад æмæ проуырыссаг сепаратисттæ уацайрæгты баивдзысты

Украинайы   хицауад   æмæ проуырыссаг  сепаратисттæ уацайрæгты  баивдзысты.  Украинаг медийы   информацийæ,  Луганскы  сепаратисттæ   æрцахстуæвæг уацайрæгты   баивды  бынатмæ ныридæгæн баластой.

Развæлгъау  бæрæггæнæнтæй   уацайрæгты   баивд   контролон ауадзæн   пункт  «Маеорское»-йы  цур  ацæудзæн. Уацайрæгты  бавиды  тыххæй    фарсыты  æхсæн æппынфæстаг  номхыгъд  28 декабры сразы ис.  Хæлиу кæны информаци,  цæмæй  баивды  бæлвырд формклы   фæбæрæг уыдзæн  процесс райдайыны фæстæ.

Донецкы  регионы  сепаратисттæ  хъусын кæнынц, цæмæй  55 адæмагы  ссæрибар кæндзысты,  Украинайы  централон хицауад  та  сын  хъуамæ  адæтта 87  адæймагы.