Украинайы хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы æфсæддон рагысгарæг тыхтæ, Хъырымы  æрдæгсакъадахыл  спецопераци ауагъдтой
Украинайы хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы æфсæддон рагысгарæг тыхтæ, Хъырымы æрдæгсакъадахыл спецопераци ауагъдтой

Украинайы  æфсæддон  рагысгарæг тыхтæ  Хъырымы  æрæдæгсакъадахыл  спецопераци ауагъдтой.  Уый фæдыл   фидиуæн  Украинаг  медиаимæ  интервьюйы   Украинайы  хъахъхъæнынады  министрады сæйраг   уагдоны официалон  минæвар, Андрей Юсов сарызта.

Афтæма  йæ информацийæ,  Украинайы  рагысгарæг   куысты сæрмгаонд сконд, Уæрæсейы  анексиргонд æрдæгсакъадахыл  24 августы  аргъæвдтой æмæ уыдис  хæстæмбæлд.

«Спецоперацийы фæлгæтты  сæрмагонд сконд Хъырымы æрдæгсакъадахыл  уыдис.  Ацы спецопераци  рагысгарæг  куысты сæйраг уагдон  æмæ æфсæддон –денджызон флоты  минæвæрттæ иумæйагæй ауагъдтой.  Спецоперацийы нысæнттæ сыххæст сты. Удæгас тыхæй  никæмæй фæхъуаг сты.  Спецопераци дарддæр кæны, алы деталтæ  нæ  хъæр кæнæм, знагæн  стын сæфт ис», – рахъусын кодта  Юсов.