Украинайы хъахъхъæнынады министрад – 21 июлæй алы науы, кæцы Сау денджызы Уæрæсейы портты æмæ оккупацигонд Украинайы территориты æрдæм змæлдзæн, Киев æфсæддон тасыл банымайдзæн
Украинайы хъахъъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй 21 июлæй алы науы, кæцы Сау Денджызы змæлдзæн, Уæрæсейы портты æмæ оккупацигонд Украинайы территориты æрдæм, Киев æфсæддон тасыл банымайдзæн.
«Крейсер «Москва»-ы амонд бæлвырд кæны, цæмæй Украинайы хъахъхъæнынады тыхтæм ис æнæмæнгхъæугæ фадæттæ, денджызыл уырыссаг агрессийæн ныхкъурд раттынынæн» – банысангонд у министрады фидиуæны.
Уæдмæ хуырыссаг фарс райхъусын кодта, цæмæй «хоры бадзырды» фæурæды фæстæ алы науы, кæцы Сау Денджызы Украинайы портты æрдæм араст укыдзæн, банымайдзæн куыд æфсæддон уæз ласæгыл.
Украинайы хъахъхъæнынады министрад нымайы, цæмæй Мæскуы йæ архæйдтытæй тас сарызта Уæрæсейы наутæн æмæ уый тыххæй алы рискыл бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы хицауадыл.