Днепропетровскы регионы горæт Кривый Ригыыл Уæрæсейы сæххæст бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц дæсы онг сырæзт, ноджы 28 адæймаг фæцæф ис. Цалдæр цæфы уавæр иттæг уæззау у.
Кривый-Ригы хъахъхъæнынады советы сæрдары, Александр Вилкулы фидиуæнæй, 14 июн горæты маройы бонæй расидтысты.
Бынатыл дарддæр кæны ирвæзынгæнæн операци. Кæлддзхæгты бын ноджы иу адæймаг ис.
Абон боныцъæхыл, Уæрæсе сыххæст кодта хафт горæт Кривый-Ригыл. Бомбæкалд сыххæст ис фондзуæладзыгджын цæрæн корпусыл. Афтæма калд æмæ зиангонд сты хицæн хæдзæрттæ æмæ хæдтулгæтæ.