Украинайы Германийы  минæвар – Украниайæн  уæззау  хæцæнгарз ратдзыстæм, ацы уынаффæ у кæронгæнæг
Украинайы Германийы минæвар – Украниайæн уæззау хæцæнгарз ратдзыстæм, ацы уынаффæ у кæронгæнæг

Германи  Украинайæн   уæззау  хæстæрмæджытæ   ратдзæн  æмæ  уыцы  уынаффæ кæронгæнæг, – уый фæдыл фехъусын  кодта Украинайы   Германийы  минæвар  Анка Фелдгузен.

«Гепарды» типы танкытыл ныхасы рæстæджы  дипломат  банысан кодта, цæмæй сæ балхæд  комкоммæ  амалгæнæгæй  ис гæнæн, фæлæ  экспорты бар  хъуамæ ратта хицауад. «Мардерты» тыххæй та  Фелдгузен   загъта, ома  ацы  техникæ  нырид дæс у æмæ  хæцынхъом нæу, хъæуы йæ  бацалцæг кæнын.

«Алы  деталтæ  нæ зонын, фæлæ  нæ уынаффæ  у  кæронгæнæг –  Украинайæн ратдзыстæм  уæззау   хæстæрмæджытæ», –   райхъусын  кодта минæвар.