Гуырдзыстоны Германийы минæвары бынатыл Хуберт Книршы фæивдзæн Петер Фишер

19:24, 24.07.2022

Гуырдзыстоны Германийы минæвары  бынатыл Хуберт Книршы  фæивдзæн Петер  Фишер.

Уый фæдыл   фыссы  йæхæдæг Петер Фишер.

«Цалдæр  сæрмагонд   уац:  августы  кæрон æз æмæ Мария  араст уыдзыстæм  Тбилисмæ, цы ран  мын уыдзæн фадат  службæ кæнын Гуырдзыстоны  Германийы  минæвары бынатыл.  Уæ цæст дарут ацы  æрдæм», –  фыссы  Петер Фишер.

2018  азы  июлæй,   Петер Фишер  Арабты Иугонд Эмиратты   уыд Германийы минæварæй.  Уый  у  карьерон дипломат, кæцы  Германийы   фæсарæн хъуыддæгты министрады  кусы  1986 азæй.

Хуберт Книрщ Гуырдзыстоны  Германийы Федеративон Республикæйы  минæвары бынатыл  2018  азы снысан ис.

 

Хуыздæр