Украинайы генштаб – Уæрæсе Украинайы æмбæстагон объекттыл авд ракетон æмæ 25 авиацион хафт сыххæст кодта, афтæма 20 хатты бакодта æхст реактивон системæтæй
Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Украинайы æфсæддон æмæ æмбæстагон объектты ныхмæ авд ракетон æмæ 25 авиацион хафт сыххæст кодтой, афтæма 20 хатты бакодтой æхст реактивон системæтæй. Уый фæдыл Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы оперативон информацийы мидæг дзырдæуы.
Хуырыссаг æфсæддæттæ базырджын ракетæтæ æмæ æнæпилот тæхæн аппараттæй архайдтой. Украинайы уæлдæфон хъахъхъæды тыхтæ цыппар ракетæ сæнæнзианхъом кодтой.
Украинайы æфсады генштабы информацийæ, Уæрæсейы фыдгæнæг æфсад дарддæр кæны тыхархайды концентраци кæнын Луганскы æмæ Донецкы регионты оккупацийыл. Ивгъуыд боны мидæг уУæрæсейы оккупацион тыхтæ 23 бырст сыххæст кодтой, фæлæ Украинайы хъахъхъæнынады тыхтæ алы бырсты ныъкуырд скодтой.
Уæрæсейы фыдгæнæг æфсады хайадтæ Сумыйы зылдыл бомбæкалд 22 хатт сыххæст кодтой. Бомбæкалд афтæдæр уыд Харьковы регионы. Фæстиуæгæн базиан ис цæрæн хæдзæрттæ, амард дыууæ сабыр æмбæстаг.