Украинайы фæсарæн хъуыддæгты уагдон – Курæг стæм официалон Тбилисæй, æргомæй йæхи дардайсæт Уæрæсейы уынаффæтæй, кæцыйы къухдариуæгад халы æхсæнадæмон закъонтæ æмæ æххæст кæны æфсæддон фыдракæндтæ Украинайы
Хъуыды кæнæм, цæмæй Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ баахъаз кæнын, кæцыйы гарзджын тыхтæ бырсынц Украинайы сабырадон горæттæм ракетæтæй æмæ бомбæтæй, марынц æнаххос æмбæстæгты, сæ нымæцы сывæллæтты, карзæй нæрайсгæ у, – уый фæдыл Украинайы фæсарæн хуъыддæгты министрады фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«Украинайы сæ хъусдард раздæхтой информацимæ, Гуырдзыстоны ныхмæ Уæрæсейы Федерацийы базарадон санкциты хай аивыны фæдыл. Хаххгонд у, цæмæй Уæрæсейы Федераци фæнысангонд уынаффæ рахаста уыцы фоныл Гуырдзыстоны хицауады куы нæ фæнды Уæрæсейы ныхмæ Евроцæдисы ног санкцитæм баиу кæнын. Хъуыды кæнæм, цæмæй Уæрæсеимæ базарадон ахастытæ баахъаз кæнын, кæцыйы гарзджын тыхтæ бырсынц Украинайы сабырадон горæттæм ракетæтæй æмæ бомбæтæй, марынц æнаххос æмбæстæгты, сæ нымæцы сывæллæтты, бынтон нæрайсгæ у. Нæ сидт официалон Тбилисмæ у ахæм – æргомæй йæхи дард айсæт Уæрæсейы Федерацийы уынаффæйæ, кæцыйы къухдариуæгад халы æхсæнадæмон закон æмæ æххæст кæны æфсæддон фыдракæндтæ Украинайы. Уырыссаг компанитимæ æмкуысткæнынады Уæрæсейæн уæлæмхас ресурстæ дæтты Украинайы ныхмæ æбуалгъ хæст адарддæр кæнынæн æмæ афтæмæй ист пайда æфсæсд у мард украинаг æмбæстæгты тугæй. 2008 азы Уæрæсейы гарзджын агрессийы тыххæй Гуырдзыстоны ныхмæ, гуырдзиаг адæм, хъыгагæн, дзæбæх зонынц цавæр тæссаг у хæст, кæцыйы бавзарын ныр тыхыбын сты украинæгтæ. Уыимæ ма бæрæг куыд у, афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад уый æппæт ферох кодта æмæ ныр архайынц, спайда кæной моментæй сæрмагонд интерестæ сыххæст кæнынæн», – дзырдæуы Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны.