Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад  протест разæгъы Путины Хъырыммæ  визиты тыххæй
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад протест разæгъы Путины Хъырыммæ визиты тыххæй

Уæрæсейы  президент Владимир Путин   анексиргонд Хъырыммæ ныццыд.  Уый фæдыл информаци хъусын кæны  украинаг медиа.

Ахæлиугонд информацийæ,  Путин  Керчы  уыдис, цы ран  Уæрæсейы  æфсæддон  науаразæн заводы байгомы  церемонийы райста хайад.

Путины  Хъырыммæ  визиты  тыххæй  протест равдыста  Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрад.  Уагдоны  фидиуæны  банысангонд у, цæмæй  украинаг фарс æнæбафæрсгæйæ  Хъырыммæ  уырыссаг бæрзонд  гæсты  визит æнæраудзгæ у.