Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад протест разæгъы Путины Хъырыммæ визиты тыххæй
Уæрæсейы президент Владимир Путин анексиргонд Хъырыммæ ныццыд. Уый фæдыл информаци хъусын кæны украинаг медиа.
Ахæлиугонд информацийæ, Путин Керчы уыдис, цы ран Уæрæсейы æфсæддон науаразæн заводы байгомы церемонийы райста хайад.
Путины Хъырыммæ визиты тыххæй протест равдыста Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад. Уагдоны фидиуæны банысангонд у, цæмæй украинаг фарс æнæбафæрсгæйæ Хъырыммæ уырыссаг бæрзонд гæсты визит æнæраудзгæ у.