Украинайы æфсæддон-уæлдæфон тыхты сæрдарады хъусинагæй, Евроцæдисæй Украинайæн æххуысы фæлгæтты сын ратдзысты 70 æфсæддон хæдтæхæг
Украинайы гархджын тыхтæм Евроцæдисы æххуысы фæлгæтты фæхзæццæ уыдзæн 70 æфсæддон хæдтæхæг. Уый фæдыл информаци, Украинайы æфсæддон-уæлдæфон сæрдарад социалон хызаг «Фейсбукы» публикаци кæны.
«Нæ партнертæ нын радæтдзысты «Миг-29» æмæ «Су-25»! бахъуаджы цауы, гæнæн уыдзæн уыдоны Польшæйы аэродромтыл æрлæууын кæнын, кæцытæй Украинаг тæхджытæ æххæст кæндлзысты хæстон хæст», – банысангонд у фидиуæны.
Украинайы æфсæддон тыхты хъусинагæй, хæдтæхджыты Украина Евроцæдисы æртæ бæстæйæ райсдзæн. Сæрмагондæй та Польшæ ратдзæн «Миг-29 типы 28 хæдтæхæгы, Словаки – «Миг-29» типы 12 хæдтæхæгы, Болгари – «Миг -29» 16 хæдтæхæг æмæ «Су-25» 14.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Евроцæдис Украинайæн хæцæнгарз балхæнынæн æмæ хæстифтонгадæн 450 милуан евро рауæлдай кодта.