Украинаг медийы хъусинагæй «Азовсталы» заводмæ уырыссæгтæ бафсæрзтой
Украинаг медийы хъусинагæй Мариуполы уæвæг «Азовсталы» заводмæ уырыссæгтæ бабырстой.
Бæрæг куыд у афтæмæй, заводы ацы рæстæгмæ сты украинаг хæцджытæ æмæ æмбæстæгтæ, кæцыты эвакуаци нæ сыххæст ис.
Украианг медиа информацийы сæрмагондравзæрæныл æнцойæ куыд фыссы афтæмæй, «Азовсталы» заводы штурм 3 майы райдыдта, заводмæ бабырсын уырыссæгтæн абон бантыстис. Уæдмæ заводыл цыд интенсивон бомбæкалд».
Украинаг медийы хъусинагæй, заводы ныр уæззау хæст цæуы. Украинаг æфсæддæттимæ бастдзинад аскуыд.