Украинаг  медиайы  хуъсинагæй, Уæрæсе ивгъуыд  æхсæв  Одессæйыл   ирайнаг  конд  дронтæй  уæлдæфон  бырст сыххæст кодта
Украинаг медиайы хуъсинагæй, Уæрæсе ивгъуыд æхсæв Одессæйыл ирайнаг конд дронтæй уæлдæфон бырст сыххæст кодта

Украинайы   хицауады   хъусинагæй,  ивгъуыд  æхсæв Уæрæсе   Одессæйыл уæлдæфон  бырст ракодта,  кæцыйы   рæстæджы  спайда кодта  æнæпилот  тæхæн  аппараттæй.  Украинаг фарсы хъусинагæй,    уырыссаг   æфсæддæ   горæтыл бырст ирайнаг   «Шахед-136»  камикадзе дронтæй   сыххæст кодтой.

Одессæйы   регионон   администрацийы   информацийæ,  амæттагы æмæ  цæфтæ  нæй, фæлæ   хафтыты фæстиуæгæн базиан ис  инфраструктурон  объекттæ.

Украинайы   гарзджын  тыхты  хъусинагæй,   уыдон 12 камикадзе  «Шахедæй»  10  скуынæг кодтой.  Зынгвæдисонтæ   ацы рæстæгмæ    сыгъды   локализаци архайынц. Бынатыл уæлвæтк  уавæрты    паддзахадон куыст æмæ    æндæр структурæтæ   кусынц.